Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы превентивон мадзæлттæ ног коронавирусы тыххæй
Æхсæнадон Уацхæссæгы куысты æнæкуылымпыйæ сæххæстæн, Гуырдзыстоны ног коронавирусы (COVID-19) ахæлиуы тыххæй, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал исы превентивон мадзæлттæ.
«Уацхæссынады тыххæй» Гуырдзыстоны закъонæй бæрæг у Фыццаг Каналы хæсист «Сифтонг кæна аудиторийы рагафонæй æмæ алвæрсон информирдзинад Гуырдзыстоны, йæ регионты æмæ дунейы цæугæ нысаниуæгджын фæзындты фæдыл». Уый тыххæй, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал аскуыддзаг кодта, райста кусджыты хайы дистанцион уагæй куыстмæ аргъæвын. Афтæдæр, кусæгон хæстæй рæстгæмæ уæгъд сты, сывæрджынтæ, хроникон низтæй рынчын кусджытæ æмæ рискъ къордмæ бацæуæг уæнгтæ.
Уымæй уæлдай, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, рæстæгмæ арæн кæны уыцы алæвæрдты ныффыст, кæцыты хайад исынц сывæллæттæ/æнахъомтæ, æрбахонгæ уазджытæ æмæ стыр аудитори.
Темæ актуалон кæй у, уый тыххæй, фæбæрæг ис ног программон политикæ. Уымæ гæсгæ дæр, эфирон хызагмæ хаст æрцыд ивдтытæ 11 мартæй, кæсджытæн хъæугæ информаци, квалифициргонд æмæ бæлвырд амындтæ «Пиради экими Мари Малазониа» специалон программæйæ базонын кæндзæн. Алæвæрд æрвылбойнонæй, 20:00 сахатыл ацæудзæн эфиры.
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал йæ зæрдыл дары Европæйы медиа –гайдлайнтæ, иу кæны Æнæнизхъахъхъæды Дунейы Организацийы рекомендацитæм æмæ æхсæнадмæ сиды, равдисой индивидуалон бæрн æмæ бахъахъхъæной æмбæлгæ уагæвæрд.