Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилимæ лæбурды зылынмæ лæвæрдты тæрхондон ахсты ныууагъдта
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилимæ лæбурды фактыл ахст гоймæгты тæрхондон ахсты ныууагхдта.
Уыдонмæ иумæ ацыд ноджы фондз уæнгы тæрхонон процесс æмæ сæ цауы дæр тæрхонгæнæг фæнысангонд уынаффæ рахаста.
Абон афтæдæр тæрхон кодтой хъуыддаджы лæмбынæг кастмæ адæттыныл. Лæмбынæг касты фыццаг рабадт фыццæгæм ноябрмæ у плангонд . Зылынмæ лæвæрдты адвокаттæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн комментари раттыныл не сразы сты.
Бакой уын кæндзыстæм 5 июлы Руставелийы проспект æмæ йæ алфæмбылæйтты «Тбилиси прайды» ныхмæлæуджытæ журналистты æмæ операторты ныхмæ агрессивон архæйдтыты ракодтой, цæй фæстиуæгæн дæр фæцæф сты æндæр æмæ æндæр медиа-фæрæзты минæвæрттæ, сæ нымæцы Æхсæнадон Уацхæссæджы оператор – Илиа Твалиашвили.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилийы ныхмæ физикон тыхмидзинады æмæ тыхмидзинадæй æртхъирæнæй профессион куысты бахъыгдарыны фактыл ахст æртæ уæнгæ – Гиорги Магърадзейæн, Гиорги Цъаруашвили æмæ Цотне Чихладзейæн знон сæ аххосаг сбæлвырд ис. Падздахадон зылынгæнæг фарс æрцахстуæджытæн аххосагмæ ма бафтыдта æнæниздзинад барæй уæззау базиан кæныны статийæ (117), кæцы йæ хъуыдыйы дары æртæйæ æхсæз азы онг ахстæй æфхæрд.