Фыццаг Къанал карзæй æфхæры тыхмидзинад æмæ æнæпропорционалон тыхæй спайда кæнын.
Уыимæ иумæ æнæрайсгæ у журналистты зонгæ-зонын тыхмийæ æфхæрын.
Сидæм æмбæлон уагдæттæм, цæмæй сифтонг кæной тагъд æмæ эффективонæй конкретон фактты фæдагуырд, уацхæссджытæн æдас куысты уавæр сифтонг кæной. Хъуамæ цыфæнды уавæрты дæр арæхсой сæ профессионалон архайд æххæст кæнын.
Уыимæ иумæ, мах хъусын кæнæм, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæг, куыд европæйаг идея æмæ уагдон, æххæст кæны æмæ фидæны æдзухдæр æххæст кæндзæн йæ юридикон æгъдауæй бæлвырдгонд хæс æхсæнады раз, куыд æвæрд у Европæйы Уацхæссæгы Стандартæй.