Гуырдзыстоны Фыццаг Канал сылгоймæгтыл тыхмидзинады ныхмæ тохы æхсæнадæмон бон банысан кæндзæн
25 ноябры – сæлгоймæгтыл тыхмидзинады ныхмæ тохы æхсæнадæмон бонмæ баиу уыдзæн Æхсæнадон Уацхæссæджы алы алæвæрд ацы батæ банысан кæндзæн æмæ срухс кæндзæн ацы бонимæ баст активондзинæдтæ.
Æхсæнадон Уацхæссæджы бæстыхай, специалонæй ацы бонмæ, срухс уыдзæн бур хуызтæй.
Банысан кæнын хъæуы, цæмæй Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы бæрæггæнæнтæй, 2020 азы фараст мæйы дæргъы, «Январ-сентябр» 19 сылгоймагы марындзинады факт сфиксир ис, сæ нымæцы 12 цауы бинонты мидæг фыдракæнд фæбæрæг ис, авд цауы та – æндæр мотивтæ. Афтæма сфиксир ис 20 слыгоймаджы марындзинады факт, кæцытæй 11 цау уыдысты бинонты æхсæн фыдракæнды нысанæй.
Æхсæнадон Уацхæссæг иудадзыгæй рухс кæны гендерон æмсæрады фарстатæ æмæ приоритетæй кæны ацы æрдæм активон куыст. Афæдзы райдайæны Уацхæссæг практикæйы сфидар кодта Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы (EBU) гендерон къорды бакуыст документ, «Алчи æмбарджын у» кæцы 11 бæстæйы минæвæртты хайадæй, гендерон къорды сæрдар, Тинатин Бердзенишвилийы къухдариуæгæй æрцыд арызт.