Гуырдзыстоны Фыццаг Канал фысым кæны Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы делегацийæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналмæ фæуазæг ис, Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы (EBU) делегаци. Цифрон трансформацийы проекты къухдариуæггæнæг Саша Скотт, Централон æмæ хурыскæсæн Европæйы уæнг бæстæтиæ ахастыты къухдариуæггæнæг Радка Бетчева æмæ цифрон трансформацийы æмæ платформæты æрдæмады къухдариуæггæнæг Воутер Картье Гуырдзыстоны фембæлдтæ уадзынц Æхсæнадон Уацхæссæджы менеджментимæ. Визит афтæдæр плангонду Европæйы совет æмæ евроцæдисы минæвар Карл Харцеллмæ.
Делегацийы унгтæ Гуырдзыстоны фембæлдтæ уадздзысты 11-15 октябры. Европæйы Уацхæссæджы цæдисы минæвæртты визиты нысан у Æхсæнадон Уацхæссæджы цифрон æмæ нырыккон технологиты æрдæм куыстæн аргълæвæрд, кæцыйы фæстæ дæр сплан уыдзæн уыцы æхсæнадæмон фæлтæрддзинады фæхай кæнын, кæцы Уацхæссæгæн уæвæг быцæусидты æмæ базарыл ацы æрдæмады конкурентон позицийы йæхимæ ныууадзыны баххуыс уыдзæн.
«Цифрон трансформаци нын стратегион нысаниуæгы фарста у, уымæн æмæ алчи æмбарæм, цæмæй традицион медиафæрæзтимæ иумæ æвзонг аудиториимæ бастдзинад мафесафынæн, сæ интерестæм æмбæлон скæнынæн, бындарады, аргъдзинæдты радæттынæн цифрон платформæтæ æнæфæивгæ сты. Уымæй дарддæр ма, ай у уыцы фæз, кæцыйы дæр мидис саразыны аудитори сеппæтæй активонæй у баст, кæцы Æхсæнадон Уацхæссæгы нысæнтты, йæ концепцийы – уа алкæмæн æмæ алкуыран рæувадат, лæмбынæг æмбæлон у» – райхъусын кодта Æхсæнадон Уацхæссæгы генералон директолр Тинатин Бердзенишвили.
Бакой уын кæндзыстæм. Цъус рæстæг размæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фæдыл EBU- ы рауагъды PLAYBOOK-ы фыст уыд æмæ уый цырд цифрон трансформацийы æнтыстджын цæвиттоныл нымад уыд.
Æхсæнадон Уацхæссæг 2005 азæй у европæйы Уацхæссджыты Цæдисы активон уæнг æмæ организациимæ æнгом, бирæфарсон æмæ фæстиуæгджын партнерад йын ис.