Гуырдзыстоны Францы минæвар – Гиорги Квирикашвили  дзæбæх зыдта, йæ фидиуæн рискъджын кæй уыдис уый, фæл дæхи политикъæй куы хоныс уæд рискъæй  ма хъуамæ тæрсай
Гуырдзыстоны Францы минæвар – Гиорги Квирикашвили дзæбæх зыдта, йæ фидиуæн рискъджын кæй уыдис уый, фæл дæхи политикъæй куы хоныс уæд рискъæй ма хъуамæ тæрсай

Гиорги Квирикашвили  дзæбæх зыдта,  цæмæй  йæ сидт    рискъ хæссæг къахдзæф уыд, фæлæ   политикъ куы дæ,  уæд  рискъæй ма хъуамæ тæрсай –  Гуырдзыстоны Францы минæвар  Паскаль  Менье  ацы фидиуæнæй   премьер-мнистр Гиорги Квирикашвилийы  Уæрæсейы  хицауадмæ сидтæн  дæтты дзуапп.

Паскаль  Менье  Гуырдзыстоны Францы минæварады  журналисттимæ ныхасы рæстæджы загъта, цæмæй  Гуырдзыстонæн ис сырх хаххытæ зæгъгæ – адон сты оккупацигонд   территоритимæ æнæсразы.

«Женевæйыв бадзырдтæ къуыммæ бахæццæ сты.   Æмбарæм уыдæр, æмæй  цæрджытæ  ма хъуамæ уой политимкъон фæзындты амæттаг. Æмæ уый зæрдыл даргæйæ  мах  æмбарæм уыцы амбицион    бастдзинад æмæ   къахдзæфтæ,   кæцы гæнæн ис  сараза Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстоны  æмæ Абхазийы  цæрджыты пайдайæн.

Политикъæй  дæхи куы нымайыс уæд цæй зæгъын æй хъæуы рискъытæй ма хъуамæ тæрсай  æмæ кæй зæгъын æй хъæуы  Гиорги Квирикашвили дæр дзæбæх зыдта   йæ  сидт рискъджын къахдзæф кæй уыдис уый.   Гуырдзыстонмæ ис  сырх хаххытæ, кæцыты уæвынадимæ мах дæр разы  стæм,  ай у  оккупацигонд территоритимæ æнæсразы, фæлæ иурæстæгонæй, Гуырдызстоны  хицауады æрдгæй   ай у  жест,  цæмæй  сындæггай  фезмæла процесс æмæ дзуаппæн  Уæрæсейæ   æмæ де-факто   хицауадты  æрдгæй,  æнхъæлмæ кæсæм позитивон къахдзæфтæм» –  банысан кодта  Гуырдзыстоны Францы минæвар.