ПаскальМенье - Гуырдзыстон, йæ европаг хæлæрттæй ныфсджын хъуамæ  уа
ПаскальМенье - Гуырдзыстон, йæ европаг хæлæрттæй ныфсджын хъуамæ уа

Гуырдзыстон, йæ  европаг хæлæрттæй  ныфсджын хъуамæ  уа –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны Францы минæвар, Паскаль Менье   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уырыссаг æфсæддæ зæгъгæ  хъуамæ ныууадзæт  Гуырдзыстоны территори  æмæ  Уæрæсе хъуамæ  бакуса  политикъæ,  кæцы цыт кæндзæн  сыхæгтæн.

«19 февралы  Францы   Республикæйы президент  Эммануэль Макрон  йæ  гуырдзиаг коллегæ  Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлдыл  бæлвырдæй   райхъусын кодта,  цæмæй  уырыссаг æфсæддæ хъуамæ ныууадзæт Гуырдзыстоны  территори  æмæ  бахъахъæнгæт  2008 азы   æхсты фæурæды фæдыл  бадзырд.

Мах  мæтыфтыд стæм  уыцы  бирæ  инциденттæй, кæцытæ æгæр арæх фиксир кæнынц  оккупацион  хаххы цур,  адæймæгты скъæфтæй, фактæй,  цæмæй  амынæты  уæвæг Гуырдзыстоны  æмбаст æрбамард, куыд фæзæгъынц  афтæмæй,   химарындзинадæй, куы архайдта,  дихгæнæг хаххыл ахизын æмæ  уырыссаг  æфсæддон базæйыл куы уыдис  уый  фæстæ.  Уый æппæтты тыххæй  хъуыды кæнæм, цæмæй Уæрæсе  хъуамæ бахъахъъхæна  йæ  бадзырдтæ,  хъуамæ бакуса политикæ, кæцы цыт кæндзæн  йæ сыхæгтæн  æмæ  ацы политикæйы  скæнæг  хай хъахъхъæна» – райхъусын кодта  Паскаль Менье.