Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты дæргъы коронавирусæй рынчын æртæ пациент амард
Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты дæргъы коронавирусæй рынчын æртæ пациент амард, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр Екатерине Тъикъарадзе координацион советы фæуды фæстæ фехъусын кодта брифингыл.
«24 сахаты дæргъы нын ис æртæ фæмардуæвæг, сæ дыууæ Батумы æмæ иу та Кутаисы», – загъта Тъикъарадзе.
Батумы коронавирусæй амард иу нæлгоймаг æмæ иу та сылгоймаг. Батумы республикон рынчындоны менеджер Гиа Кикабидзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, уыдон зæгъгæ рынчын уыдысты æндæр уæззау æмвæд низтæй.
Кутаисы фæмардуæвæг 88 аздзыд пациент та уыд Озургетæй. Кутаисы ковид-центры куыд хъусын кæнынц афтæмæй, уый дæр рынчын уыд уæззау æмвæд низтæй.
5 октябры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусы 578 ног цау фæбæрæг ис, снæниз сты 375 пациент.