Гуырдзыстоны фæсивæдон æмбырдгонд Молдовæйæн рамбылдта – Одишариа  æртæ фæстиуæгджын  пас  сыххæст кодта #1TVSPORT
Гуырдзыстоны фæсивæдон æмбырдгонд Молдовæйæн рамбылдта – Одишариа æртæ фæстиуæгджын пас сыххæст кодта #1TVSPORT

Гуырдыстоны 21 азы онг кары  æмбырдгонд, «Батуми Арнæйыл»  Молдовæйы  æмбырдгондæн сфысым кодта æмæ  йæ æнæгуызавæйæ  басаста – 3:0.

Европæйы 2025 азы  чемпионаты  финалон  этапмæ  бахауынæн  Рамаз Сванадзейы  балæн равзарæн циклы баззайгæ   фембæлдты  баллты максималонæй  æрымбырд кæнын хъæуы æмæ  бал дæр  диссаджы  хъазт равдыста.

13-æм минутыл  рахис  флангыл  цæугæ   ырст   Нодар Ломинадзе адарддæр кодта  Лаша Одишариайæн лæвæрдæй, кæцыйы зæбулцæфы  фæстæ, Гизо Мамагеишвили   иварон фæзыгы   æртæ хъахъхъæнæгы  йæ  фæстæ  фæуагъдта  æмæ дырыс  цæфæй   хыгъд бакодта.  Фыццаг тайм 1:0   фæцис.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд  дыккаг таймы   хуыздæр ахъазыд. 49-æм минутыл   Къвернадзе   баппæрста, 72-æм минутыл та  йæхи равдыста  Гиги Абуашвили.  Æтæ  дæр къæмы  бантыстысты  Лаша Одишариайы  лæвæрдтæй.

Рамаз Сванадзейы  бал Европæйы  чемпионаты  равзарæн   циклы фæдылдзог матч   къорды лидер Нидерландтимæ  Венлойы  9  сентябры  ахъаздзæн.