Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрæй снысан ис Илиа Дарчиашвили

11:20, 04.04.2022

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрæй  снысан ис  Илиа Дарчиашвили – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  хицауады администрацийы лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта.

Ираклий Гъарибашвилийы  фидиуæнæй, зæгъгæ Давит Залкалиани, кæцы  фæсарæн хъуыддæгты министры пост ахста, АИШ-ы Гуырдзыстоны  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæварæй  адарддæр кæндзæн кусын.

Илиа Дарчиашвили  2021 азæй, хицауады  администрацийы  хистæры пост ахста. Уæдмæ уыдис Гуырдзыстоны  сæрмагонд æмæххæстбарджын  минæвар Польшæйы Республикæйы, уымæй размæ та   сæрмагонд хæслæвæрдты  минæвар.  Илиа Дарчиашвили æндæр æмæ æндæр периоды  уыдис Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министры  хæдивæг;  муниципалон  рæзынады  фонды  æххæсттгæнæг директор;  фонды  директоры фыццаг хæдивæг; уæдмæ та  хицæн секторы куыста.

Хуыздæр