Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад – Маскатæй Тбилисмæ сæрмагонд рейс атахт, кæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæстæмæ сæ райгуырæн бæстæмæ æркодта
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад – Маскатæй Тбилисмæ сæрмагонд рейс атахт, кæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæстæмæ сæ райгуырæн бæстæмæ æркодта

Гуырдзыстоны хицауады организгонд специалон рейс Маскатæй Тбилисмæ атахт, кæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгты сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхта. Ай фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад рапарахат кодта.

«Гуырдзыстоны хицауад дарддæр кæны алы æнæмæнгхъæугæ къахдзæфтæ, цæмæй нæ æмбæстæгтæ рæстæгыл æмæ æдасæй æрыздæхой.Гуырдзыстоны минæварадтæ Иугонд Араббаг Эмиратты, Катары Паддзахад æмæ Сауды Аравийы Паддзахад дарддæр кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæмæнгхъæугæ æххуыс, цæмæй сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхой.

Нæ зæрдæ зæгъы нæ æмзæххонтæн сабырадон рейс æмæ æнæфыдбылызæй сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхын», -ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.