Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад – адæймаджы барты фæдыл диалогы æргъæвд æвдисы, цæмæй Брюссель цæттæ нæу гуырдзиаг фарсы позицитæм байхъусынмæ
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад, Гуырдзыстон-Евроцæдисы адæймагы барты диалогы фембæлды æргъæвды фæдыл расидæн парахат кæны.
Министрады куыд сидынц афтæмæй, 2025-æм азы 21-æм ноябры, Брюселы плангонд фембæлд, Евроцæдисы фарсы æскъуыддзагæй, цалдæр бон раздæр æргъæвд æрцыд.
«Уыцы уавæрты, кæд æмæ Евроцæдисы Советы 2024-æм азы 27-æм июны хатдзæгтæм бындурыл, Евроцæдисы фарс, Гуырдзыстонимæ диалог алы æмвæзадыл æрурæдта, гуырдзиаг фарс снысангонд фембæлд нымадта, куыд Евроцæдисимæ æмгуыстады фадатыл, сæ æхсæн ахæм фарстатыл, кæцытыл нæ æхсæнад арæх хъусы Брюсселæй. критикæ.
Гуырдзиаг фарс сæххæст кодта нысаниуæгджын цæттæгæнæн куыст, цæмæй Евроцæдисы фарсæн лæвæрд æрцæуа æмбæлон информаци боны фæткы фарстыты фæдыл, æмæ растдæр ацы хъуагдзинæдтæ хынцгæйæ, арæзт æрцыд Гуырдзыстоны делегаци æмбæлон уагдæтты хайадистæй.
Хъыгагæн, адæймаджы барты хъахъæды фарстаты Гуырдзыстон-Евроцæдисы диалогы фембæлды фæдыл, Гуырдзийаг фарсы тырнындзинадмæ æнæкæсгæйæ, Евроцæдисы фарс уæлдæр снысангонд фембæлд æргъæвта бынтон æнæрайсгæ æмæ æнæбындур аххосагæй» – ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны.