Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куыст - æнæбындур æмæ æнæмбæлоныл нымайæм Уæрæсейы уынаффæ, фæтобæ кæна тахтытæ Гуырдзыстонмæ
Æддаг политикъæйы æмæ æдасдзинады фарстыты Евроцæдисы бæрзонддæр комиссары, Федерика Моггеринийы уагдон, Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куыст Уæрæсе-Гуырдзыстоны ахастыты фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындтæм гæсгæ публикаци кæны фидиуæн.
«Уæрæсейы Федерацийы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастыты фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындтæ æвзæрын кæнынц рискъ, уа сын негативон æндæвдад дыууæдæр бæстæйы æмбæстæгтыл. Æнæбындур æмæ æнæмбæлоныл нымайæм Уæрæсейы уынаффæ, 8 июлæй фæтобæ уа тахтытæ Гуырдзыстонмæ.
Афтæма, 27 июлы Абхазы администрацион арæйнон хаххыл, дыууæ кантроло-ауадзæн пунктыл уагæвæрд арæнæвæрдтæ, серьозонæй фæзындзысты бынативды сæрибардзинадыл æмæ конфликтæй зианбавзарæг цæрджытæн уæлæмхас зындзинæдтæ аразы. Уылон ист хъуамæ æрцæуæт уæлæмхас гуманитарон зындзиндæтæй хиаиуварскæнынæн. Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы абон райдайгæ раундæй хъуамæ спайда кæной эффективонæй тынггонд уавæр æрсабыр кæнынæн æмæ зианбавзарæг цæрджыты уавæр фæхуыздæр кæнынæн.
Гуырдзыстоны конфликты сабырадонæй срегулир кæныны æрдæм Евроцæдисы фарсхæцын фæстæмæ тынг фидар у.
Евроцæдис бæлвырд кæны йæ æнæфæцудгæ фарсхæцын Гуырдзыстоны сувекренитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм æхсæнадæмонæй нымадмæ ист арæнты» – банысангонд у Евроцæдисы æддæ архæйдтыты куысты публикацигонд фидиуæны.