Гуырдзыстоны дипломативон минæварадтæ фæсарæйнаг уазджыты улæфтмæ хонынц Гуырдзыстонмæ
Уæрæсейы презикдент, Гуырдзыстонмæ тахтытæ баурæды тыххæй куы райхъусын кодта уый фæстæ, Гуырдзыстоны дипломативон минæварадтæ фæсарæйнаг уазджыты улæфынмæ хонынц æмæ социалон хызæгты Гуырдызстоны тыххæй имиджон видеотæ хæлиу кæнынц.
«Сæрды æрлæуудимæ иумæ, арфæ уын кæнæм Гуырдзыстоны! Æввахс цалдæр мæйы дæргъы мах публикации скæндзыстæм æндæр æмæ æндæр хуызы информации балцы, улæфты, культурæйы, сæны æмæ хæринæгты тыххæй, кæцыты басгарын æмæ фенын гæнæн ис Гуырдзыстоны. Æрцæут æмæ бафæлварут цахæм у Гуырдзыстон!» – фыссы АИШ-ы Гуырдзыстоны минæварад социалон хызаг «Фейсбукы» æмæ Гуырдзыстоны, сæрды улæфты тыххæй видео публикации кæны.
Нæ даниаг хæлæртты хонæм сæрды улæфтмæ алæмæттаг Гуырдзыстонмæ» – фыссы Данийы Гуырдзыстоны дипломативон минæварад.
Alle vores danske venner er velkomne til at tilbringe deres sommerferie i den storslåede Georgien #enjoyGeorgia
Posted by Embassy of Georgia to the Kingdom of Denmark on შაბათი, 22 ივნისი, 2019