Гуырдзыстоны денгейы вирус рабæрæг ис
Гуырдзыстоны денгейы вирус рабæрæг ис

Гуырдзыстоны денгейы вирус рабæрæг ис. Уый фæдыл Иашвилийы сывæллæтты централон рынчындоны медицинон директор Чъхайдзе Иване расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, денгейы вирус иу адæймагмæ ивгъуыд къуыри сбæлвырд ис.

Фæлæ Иване Чхайдзе æндæр лыстæгдзинæдтыл нæ фæныхас кодта.

Бæрæг куыд у, афтæмæй уый у вирус, кæцы хæццæ кæны кæрдæджы хæцгæйæ. Денгейы инкубацион период фылдæр хатт вæййы 5-7 боны, классикон хуызы та ивгæ кæны 15 боны онг. Вирус райдайы карз уазалæй æмæ температурæ 39-41 градусы онг схизгæйæ. Уымæй уæлдай ма йæ сæр тынг риссы, мæцъистæ æмæ стæгдарты рыст.

Эболайы вирусмæ та цы хауы, Иване Чхайдзейы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Эболайы цау нæй фиксиргонд æмæ йæ апарахаты рискъ нæй.