Гуырдзыстоны цыппар оппозицион иугонд парламентон æвзæрстыты фæдыл фыстæг  æрвитынц Джозеп Борелмæ æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæм
Гуырдзыстоны цыппар оппозицион иугонд парламентон æвзæрстыты фæдыл фыстæг æрвитынц Джозеп Борелмæ æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæм

Коалици «Ивддзинæдты тыххæй», «Иудзинады националон змæлд», «Тыхджын Гуырдзыстон» æмæ парти «Гуырдзыстоны тыххæй» фыссынц Евроцæдисы æттаг æмæ æдасдзинады хъуыддæгты фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар Джозеп Боррелмæ æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæм.

Фыстæджы, æндæр хъуыддæгтимæ иумæ, дзырд цæуы Евроцæдисы æнæаргъæвгæ къахдзæфтыл, цæмæй хицауадыл æндæвдад æрцæуа, кæд æмæ хицауад нæ разы кæндзæн æвзæрстыты фæдыл хæдбар фæдагуырд саразыныл.

«Ис цалдæр æнæаргъæвгæ къахдзæф, кæцытæ Евроцæдисæн йæ бон у саразын, цæмæй æндæвдад æрцæуа уырыссаг стилы олигарх Бидзина Иванишвилийы къухдариуæгæй хицауадыл, кæд æмæ хицауад нæ разы кæндзæн ацы æвзæрстыты фæдыл хæдбар фæдагуырд раттын:

  1. Евроцæдисы инициргонд аргълæвæрды/факттæ сбæрæг кæныны мисси райдайын, цæмæй 2024 азы æвзæрстыты æддагон æмæ мидæггагон хъыгдард æввахс 30 боны æмгъуыдмæ аргъгонд æрцæуа. Евроцæдисы æвзæрстыты фæстæ миссийы (EFM) фæрцы 2024 азы æвзæрстыты алыварсон æхсæнадæмон аргълæвæрд райдайын, кæцы кусдзæн OSCE/ODIHR-имæ æмгуыстады:cæвзæрстыты сайды тыххæй алывæрсыг раиртæст ауадзын; æвзарæн уагдæтты цæсгомджындзинадæн аргъ скæнын;
  2. Гуырдзыстоны хицауадмæ сиды, æхсæнадæмон аргълæвæрды агъоммæ 26-æм октябры æвзæрст парламенты рабадт ма æрхонæт. бæлвырдæй зæгъæт, цæмæй ацы парламентæн ницы легитимондзинад уыдзæн, кæд æмæ æвзæрстытæ дунеон æмæхсæнад сæрибар æмæ рæстагыл куы нæ банымадта, уæд. Уый æмбæлы Гуырдзыстоны конституцийы парламентон легитимондзинады фæдыл 38-æм статийæн;
  3. Бæлвырд расидæн, цæмæй хицауады æрдыгæй парламентон æвзæрстыты ауадзынмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ баиу кæныны процесс урæд у;
  4. Уæвæг хицауадимæ æппæт официалон Евроцæдисы æмвæзады коммуникациты æрлæууын кæнын, уый нымæцы: Евроцæдис-Гуырдзыстоны Ассоциацидзинады Советы рабадты æруромын; бæрзонд æмвæзады политикон диалогы æрурæд; Техникон æмкуыстдзинады механизмты æрурæд, цалынмæ процесс æхсæнадæмон æмвæзадыл сбæрæг кæныныл нæ сразы уой, уæдмæ;
  5. Хицауадæн финансон æххуыс (120 милуан евройы бæрц афæдзы дæргъы) æрурæд, цалынмæ фæдагуырды фæстиуджытæ бæрæг не сты, уæдмæ.

Æнхъарæм уын : æххуысы фæрæзты аздахын Гуырдзыстоны æнæхицауадон организацитæм æмæ хæдбар медиамæ; æмбæстагон æхсæнады организацитæн комкоммæ æххуысы механизмтæ саразын; сæрмагонд  уавæрты фонд саразын æлхъывды бын уæвæг хæдбар медийы фæрæзтæн; æххуыс  демократон фæразондзинады  æмæ æвзарæнон  цæсгомджындзинады  æххуысы программæтæн.

 

 

Нæ кæронбæттæн домæн у æнæдызæрдыг: 2025 азы ног æвзæрстытæ хуыздæр æвзарæнон уавæры, политикон æгъдауæй балансиргонд æвзарæнон администрациимæ  æмæ политикон æгъдауæй нейтралон паддзахадон институттимæ, фæлæ, куыд гæнæн æнæаргъæвгæ дзуапп Евроцæдисæй, куыд æхсæн къахдзæф ацы нысанмæ, мах уырны, цæмæй бæлвырд æппæтдунеон æвзæрстыты аргълæвæрды домæн æмæ æппæт Евроцæдисимæ баст Æхсæнхицауадон æммахастыты фæурæд уыдаит зондджын фæндаг Гуырдзыстоны демокративон фидæнæн фарсылхæцындзинадæн. Гуырдзыстоны демократон политикон партитæ, æмбæстагон æхсæнад, сæрибар меди æмæ гуырдзиаг адæм иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц уæ фарсылхæцындзинадмæ, уымæн æмæ нæ наци архайы йæ демократийы фервæзын кæныныл», – фыст ис фыстæджы, кæцыйыл къухтæ æрфыстой «Коалици ивæндзинады тыххæй» лидер Ника Гварамиа, «Тыхджын Гуырдзыстоны» лидер Мамука Хазарадзе, «Иудзинад – националон змæлды» сæрдар Тина Бокучава, «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» уæнг Бердия Сичъинава.