Гуырдзыстоны цалдæр горæты Украинайы фарсхæцæг акцитæ абон дæр ацыд. Батумы, Европæйы фæзыл, æндæр æмæ æндæр диаспорæйы минæвæрттæ æрымбырд сты.
Украинаг адæмæн баххуыс кæнынæн, дыууæ раны байгом ис штаб, цы ран медикаментты æмæ æндæр æнæмæнгхъæугæ дзаумæтты æрымбырд кæндзысты æмæ æввахс периоды хæсты фæстиуæгæн зианбавзарджытæн гшуманитарон æххуыс бадавдзысты.
Афтæдæр абон европæйы фæзыл байкертæ ауагъдтой акци-перфоманс.
«Хæстæн нæй! Скъуыйинц æнаххос адæймæгтæ. Украинаг сывæллæттæ тасы раз сты, æнусы кад Украинайæн. Фарсхæцыны тыххæй дзурæм уыцы адæймæгтæн, кæцытæ абон Украинайы хæцынц. Ацы рыст махæн æнахуыр нæу, уырыссаг оккупант тугæй не фсæды. Уæрæсе архайы Гуырдзыстоны хæдлбарад ныппырх кæнын, кæцы йын нæ рауайдзæн» – банысан кодта акцийы иуæй-иу хайадисæг.
Украинайы фарсхæцæг акци ацыд Озургеты дæр. Акцигæнджытæ солидарондзинад равдыстой украинаг адæмæн. Озургеты акцийыл ма айзæлын кодтой Украинайы æмæ Гуырдзыстоны гимнтæ.
Уыимæ Украинайы фарсхæцæг акци ацыд Гуры. Гуры университеты студенттæ университеты бæстыхайы цур æрымбырд сты. Уыдонмæ ма хуымæтæг гурæтæ дæр баиу сты. Акци райдыдта гуырдзыстон æмæ Украинайы гимнæй.
Акцийы хайадисджытæ фарсхæцын расидтысты украианг адæмæн æмæ нодж иу хатт спротест кодтой уырыссаг агресси.
«Мах ахæм формæйæ æвдисæм протест уыцы агрессий æмæ фыдзæрдæдзинады ныхмæ кæцы аразы Уæрæсе Украинайы. Фарсхæцын æвдисæм украинаг адæмæн. Мах, гураг фæсивæд, студенттæ лæууæм украинаг фæсивæдæн йæ фарсмæ. Украинайы уæлахиздзинад у æнæхъæн Европæйы æмæ гуырдзиаг адæмы уæлахиздзинад дæр» – райхъусын кодта Гуры университеты студент.