Гуырдзыстоны Патриархи цæугæ цауты фæдыл расидæн парахат кæны.
Фидиуæны дзырд цæуы, цæмæй арæзт уавæр ныхмæлæуд расайы æмæ тæссаг у æмбæстæгты сабырадон æмцæрæнбонæн.
Тынг хъыг нын у, цæмæй аргъуаны сидтмæ æнæкæсгæйæ, Руставелийы проспектыл 30-æм ноябры демонстраци серьозон ныхмæлæудмæ ахызт. Дзыллон информацийы фæрæзты æмæ социалон хызæгты цы кадртæ парахат кæнынц, уыдоны ирдæй зыны, закъондзинад æмæ хæрзæгъдаудзинады æмвæзадæй чи ахызт, ахæм архайдтытæ. Арæзт уавæр æвзæрын кæны ныхмæлæуд æмæ тæссаг у æмбæстæгты сабырадон æмцæрæнбонæн.
Дыууæрдыгæй чи лæууы, уыдон нын зынаргъ сты æмæ сыл кувæм; Кувæм, цæмæй тагъддæр сдзæбæх уой цæфтæ. Уыимæ иумæ ноджы иу хатт курæг стæм фæсивæдæй, æмтгæй райсгæйæ, демонстранттæй, равдисой æнæниз зонд æмæ хъахъхъæной протесты равдысты арæнтæ; Афтæ дæр курæг стæм барадхъахъæнджытæй, цæмæй максималон быхсындзинад равдисой æмæ юридикон архайды фæлгæттæй дарддæр ма ахизой; Паддзахадæн æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй закъонхæлдтытæ тагъд æмæ рæстæгыл сбæрæг кæной, сæ объективон аргълæвæрд æмæ адæмы æргом кæной.
Цасфæнды ма хонæм нæхи стыр аргъæй, уæддæр хъуамæ ма рох кæнæм, адæймаг кæй у Хуыцауы сурæт æмæ ацы дунейы сфæлдыстады хуызæн æмæ стырдæр кад. Æппæтсыгъдæг Хуыцауы Мадæй курæм, цæмæй йæ хай Гуырдзыстоны сабырадæй бахъахъхъæна» -ис фыст Патриархийы фидиуæны.