Гуырдзыстоны Cæрмагонд æмæ Æххæстбарджын Минæвар Колумбийы Республикæйы йæ æууæнкдзинады гæххæттытæ радта Колумбийы президентæн
Гуырдзыстоны Cæрмагонд æмæ Æххæстбарджын Минæвар Колумбийы Республикæйы (резиденци Бразилийы), Зураб Мчедлишвили Колумбийы президент Густаво Петройæн йæ æууæнкджын гæххæттытæ радта. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Минитсрады информацимæ гæсгæ, церемонийы фæлгæтты уагъд фембæлдыл фарсытæ æруынаффæ кодтой бæстæты æхсæн уæвæг дывæрсыг ахастытыл æмæ фидæны æмкуыстдзинады фадæттыл, кæцытæ ахъаз уыдзысты дыууæ бæстæйы дарддæры æввахсдæр кæнынæн.
Гуырдзыстоны минæвар расидтис цæттæдзинад активонæй бахæсса политикон диалогы фæтыхджындæр æмæ бæрзонд æмвæзады дыууæфарсон визитты организацимæ, афтæ дæр бæстæты æхсæн бастдзинæдты фæарфдæр экономикон æмæ культурон сферæты.
Зураб Мчедлишвили бузныг расидтис колумбиаг фарсæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æнæфæцудгæ фарсылхæцындзинады тыххæй.
Церемонийы, кæцы президентон галуаны сырæзт, Колумбийы æттаг хъуыдтæгты министр Роза Йоланда Вильявисенсио дæр иста хайад.