Гуырдзыстоны Бизнес Ассоциаци райы хицауады пъланæй экономикæ суæгъд кæныны фæдыл
Гуырдзыстоны Бизнес Ассоциаций райы экономикæ суæгъд кæныны радон этапæй, кæцыйы нысан у, сног уа экономикон активондзинад æмæ бизнес æрыздæха цард ахуыр ритммæ.
Ассоциацийы куыд æмбарын кæнынц уымæ гæсгæ, зæгъгæ æрвылбойнон, активон корммуникацийы æмæ консультациты режимы сты бизнес-секторимæ.
«Иттæг хорз у уый цæмæй Гуырдзыстоны хицауады бавдыст пълан, зæгъæн ис æнæхъæнæй æххæссы арæнæвæрдты баззайæг экономикæйы сектортæм, кæцы æвзæрын кæны ныфс, цæмæй бизнесоператортæ афоныл æрыздæхдзысты бизнесы активондзинады уыцы нысанмæ, кæцы сын уыд Covid 19 –ы ахæлиу агъоммæ. Ассоциаци дарддæр дæр активонæй баст уыдзæн экономикæйы фегом кæеныны процессы, цæмæй бахъуаджы цауы бахъахъхъæна ассоциацийы уæнг компаниты интерестæ» – дзырдæуы бизнес-ассоциацийы фидиуæны.