Гуырдзыстоны авиациион базарыл кусын райдайы Швейцарийы авиакомпани «Edelweis»
Тбилисы Шота Руставелийы æхсæнадæмон аэропорты 2025-æм азы апрелæй ноджы иу европæйаг райдайдзæн авиакомпани кусын.
Гуырдзыстоны аэропортты цæдисы информацимæ гæсгæ, дунеон авиацион къорд «Люфтганза»-йы уæнг «Эдельвейс» 2025 азы 12-æм апрелæй Цюрих-Тбилис-Цюрихы æрдæм комкоммæ регулярон рейстæ æххæст кæндзæн, къуыри дыууæ хатт Airbus 320 хæдтæхæгæй.
«Эдельвейс» у Swiss International Airlines-ы дæлхайад, кæцыйы хицау у Lufthansa Group, кæцы 29 азы размæ сырæзт. Уый тæхы Цюрихы базæйæ 90 нысаниуæгмæ Европæ æмæ Америкæйы. Билеттæ ныридæгæн ис балхæнæн Edelweiss æмæ Swiss International Airlines-ы сайтты.