Гуырдзыстоны хицауады 23 марты 181-æм уынаффæмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны ахуыры процесс, аргъæвд æрцыд 21 апрелмæ.
Уынаффæйы куыд дзырдæуы, афтæмæй, арæнæвæрд æххæссы куыд иумæйаггрухсадон, афтæ уæллаг ахуыргæнæндæттæм.
«Ахуыргæнæндон уагдæтты, 2020 азы, 21 апрелмæ урæд æрцæуы ахуыры процесс. Иумæйагрухсадон æмæ уæллаг ахуыргæнæндæттæ, фæнысангонд сыххæст кæнæнт дистанцион ахуыр/коммуникацийы æндæр æмæ æндæр формæйæ архайгæйæ (кæд йæм ахæм фадат уыдзæн, уыцы цауы). 2020 азы 21 апрелы онг рухсадон æмæ зонадон-иртасаг уагдæтты администрацитæ ахизæт дистанцион куысты режиммæ (критиконæй нысаниуæгджын æнæмæнгхъæуындзинадæй уæлдай). Тобæ кæны цыфæнды хуызы трейнингтæ, конференцитæ, семинартæ, дистанцион формæйæ дарддæр. Авторизацийы æмæ аккредитацийы уагæвæрдæй бæрæг администрацион амлаиуæгадты, афтæдæр профессион бацæттæйы æмæ профессион хицауадон гæсы бацæттæйы программæ сæххæсты бар райстимæ баст администрацион амалиуæгады дистанционæй, коммункаци нырыккон электронон фæрæзтæй спайда кæнын гæнæн куы ма уа, администрацион амалиуæгады æмгъуыдтæ урæдыл нымад æрцæуæт, уæлвæткъ уавæры аивгъуыды онг», – фыст ис уынаффæйы.