Гуырдзыстоны аэропортты иудзинад – 2024-æм азы, Гуырдзыстоны аэропорттæ лæггад кодтой 7 милуан 400 мин бæлццонæй фылдæрæн
Гуырдзыстоны аэропортты ассоциацийы информацийæ, 2024-æм азы Гуырдзыстоны аэропортты рекордон нымæц бæлццæттæ æмæ рейстæ фиксиргонд æрцыд.
Гуырдзыстоны аэропортты ассоциацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2024-æм азы Тбилисы Шота Руставелийы æхсæнадæмон аэропорты 4 750 830 бæлццон фиксиргонд æрцыд. Уый дæр у рекордон бæрæггæнæн æмæ æххæстгонд æрцыд 22 715 рейсы. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, бæлццæтты змæлд фæфылдæр 29% æмæ рейстæ та фæфылдæр сты 30%. (2023 – 3 693 942 бæлццоны, 17 456 рейсы).
«Кутаисы æхсæнадæмон аэропортмæ та цы хауы, 2024-æм азы Давид Агъмашенебелийы аэропорт йæ историйы сеппæтæй фылдæр бæлццæтты æмæ 5078 рейсы сарæзта, ома 1 722 809». Ивгъуыд азимæ абаргæйæ бæлццæтты змæлд фæфылдæр 3% æмæ рейсты нымæц та 1%. (2023 -1 671 306 бæлццоны, 5 041 рейсы).
Историон бæрзæнд афтæ дæр фиксиргонд æрцыд Батумы Александр Картвелийы æхсæнадæмон аэропорты дæр, кæцы лæггад кодта 951 760 бæлццонæн æмæ 4 144 рейсæн. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, бæлццæтты змæлд фæфылдæр 53% æмæ рейсты нымæц та 33% (2023 – 621 506 бæлццоны, 3 110 рейсы).
Иугонд Паддзахады флагманон авиакомпани «Британи Эйрвейз» Гуырдзыстоны авиацийы базармæ 2025 азы мартæй рацæудзæн. Афтæ ма, бритайнаг аслам авиакомпани easyJet райдайдзæн рейстæ мартъийы, æххæст кæндзæн комкоммæ регулярон рейстæ Лондонмæ, Женевæмæ æмæ Миланмæ. «Трансавиа Франс» Париж-Тбилис-Парижы маршрутыл Гуырдзыстоны авиацион базарыл кусын райдайдзæн 9-æм апрелæй. Афтæ дæр, 12-æм апрелæй райдайгæйæ, «Эдельвейс» къуыри дыууæ хатт атахдзæн Цюрих-Тбилис-Цюрих маршрутыл. «Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци дарддæр кæны бадзырдтæ авиакомпанитимæ, цæмæй бауадзой ног авиакомпанитæ æмæ скусын кæной ног авиаршруттæ бæстæйы æртæ æхсæнадæмон аэропортмæ дæр», – ис фыст Гуырдзыстоны аэропортты ассоциацийы фидиуæны.