Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци Кутаис – Венеци – Кутаисы рейсыл авиабилетты лæварæй рамбулыны фадат дæтты
Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци, Кутаис – Венеци – Кутаисы рейсыл дыууæ авиабилеты лотерейæ кæны. Лотарейæ цæуы Кутаисы æппæтдунеон аэропорты официалон Instagram фарсыл @Kutaisi_airport -ыл уагъд.
Хайад райсыны тыххæй пайдагæнæг хъуамæ рафысса Кутаисы æппæтдунеон аэропорты официалон Instagram фарс.
25-æм декабры, 14:00 сахатыл, Инстаграмы фарс @Kutaisi_airport-ы лæвæрд æрцæудзæн фарст. Фыццаг раст дзуаппы автор, йæ нысангонд æмбалимæ иумæ, ацæудзæн Венецимæ 2026 азы. Уæлахиздзау райсдзæн авиабилеттæ Кутаис – Венеци – Кутаис маршрутыл гом датæимæ. Лотареайы архайын сæ бон у 18 азæй хистæр кæуыл цæуы, уыдонæн.
Банысанкæнинаг у, цæмæй 2-æм декабрæй Кутаисы Давид Агъмашенебелийы номыл æппæтдунеон аэропортæй Венецимæ бафтыд ног маршрут.Комкоммæ регулярон рейстæ æххæст кæнынц къуыри дыууæ хатты.