Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци – Гуырдзыстоны  аэропорттæ цыппар мæйы дæргъы лæггад кодтой 2 182 811 бæлццонæн æмæ 9 908 рейсæн
Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци – Гуырдзыстоны аэропорттæ цыппар мæйы дæргъы лæггад кодтой 2 182 811 бæлццонæн æмæ 9 908 рейсæн

Гуырдзыстоны æхсæнадæмон аэропортты 2025-æм азы январ-апрелы бæлццæтты змæлд ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 13% фæфылдæр ис æмæ 2 182 811 бæлццонмæ ахызт (2024-æм азы январ-апрелы – 1 936 381 бæлццон) – хъусын кæны Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци.
«Тбилисы Шота Руставелийы номыл аэропорт 2025 азы фыццаг цыппар мæйы 1 442 525 бæлццоны æмæ 7 283 рейсы райста, кæцы бæлццæтты змæлды рæзт 13% (2024 азы 4 мæйы – 1 278 447 бæлццон) æмæ рейсы 17% рæзт (2024 азы – 4 мæйы 6235 рейсы) ивгъуыд азы фыццаг цыппар мæйимæ абаргæйæ».
Кутаисы Давид Агъмашенебелийы  аэропорт 2025 азы январь-апрелы 506 564 бæлццонæн æмæ 1 533 рейсæн лæггад кодта. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, бæлццæтты змæлды 2,3% рæзт фиксиргонд у (2024 азы 4 мæйы – 495 235 бæлццон), рейсты нымæц та æнæивгæйæ баззад.
Батумы  аэропортмæ та цы хауы, 2025 азы январ-апрелы  лæггад кодта 233 722 бæлццонæн æмæ 1 092 рейсæн. Ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ, бæлццæтты змæлды рæзт уыд 43,7% (2024 азы 4 мæйы – 162 699 бæлццон) æмæ рейсты рæзт та 36,7% (2024 азы 4 мæйы – 779 рейсы)» -ис фыст Гуырдзыстоны аэропортты ассоциацийы расидæны.