Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæн, Джордж Флойды мæлæты æмæ АИШ-ы протестон рацыдты фæдыл
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад, джордж Флойды мæлæты æмæ Америкæйы протестон рацыдты фæдыл кырдиат аразы.
Документы банысангонд куыд у уымæ гæсгæ, Джорджт Флойды трагикон мæлæт, бæрæг идеалты æххæстæй бахъахъъæнынæн АИШ-ы цæугæ иудадзыг тохы ноджы иу тызмæг зæрдыл æрæфтауæн у.
«АИШ-ы минæварад Тбилисы, афтæ куыд дунейы æндæр бæстæтæй кæсы тынг мæтæфтауæг ног хабæрттæм, кæцытæ баст сты пъæлицæйæгтæ Джордж Флойды куы амардтой уыцы фактимæ, 25 майы Минесотайы. Джордж Флойды мæлæт, сабырадон протесттæ æмæ уый фæдылдзог тыхмидзинад, кæцы ныр ис АИШ-ы фылдæр хайы, Вашингтоны нын бакой кодта, цæмæй Америкæйы Иугонд Штаттæ у бæстæ, кæцы рагæй фæстæмæ тырны æмæ хаттæйтт ныхмæлæудыл дæр амбæлы тынг вазыгджын тохы демокративон хæзнаты фæтынгдæр кæнынæн, кæцы йæхи æгъдауæй йæ хъуыдйы дары закъоны сæйрагдзинад,, рæстаг æмæ æмбарджын ахаст алкæмæ дæр, куыд бæстæйы мидæг, афтæ йæ арæнты æддæйæ. Нæ тыхархайд ацы æрдæм бæрæг у цæмæй æххæстар8гъджынæй нырма дард у.
Джордж Флойды трагикон мæлæт бæрæг идеалты æххæстæй бахъахъъæнынæн АИШ-ы цæугæ иудадзыг тохы ноджы иу тызмæг зæрдыл æрæфтауæн у. Нæ фундаментон хæзнатæ: дзырды, прессæ æмæ æсабырадон æмбырды сæрибартæ, Америкæ кæнынц æргом бæстæйæ, кæцы тырны сæрибардзинад æмæ рæстагдзинадмæ алкæй æрдæм дæр æмæ нæзагъд кæны тыхмидзинадæн, кæцйы никæмæн æмæ ницы аргъджын нысанæн нæ лæггад кæны. Тырнæм ацы идеалтæ æрхион кæнынмæ, куыд нæ бæстæйы, афтæ Гуырдзыстоны æмæ æппæт дунейы, уымæн æмæ ацы идеалтæ сты æнæдихаг фидар демократийæ. Нæ бацархайдзыстæм нæ риссаг тох бамбæхсын, уымæн æмæ нæ уырны, цæмй зæрдæргом дискусси нын баххуыс уыдзæн нæхи бирæ хуыздæр æмæ тыхджындæр скæнын. Фундаментон аргъдзинæдты фæфидар кæнын у уыцы фæндаг, кæцыйы фæрцы, кæронмæ бахæццæ уыдзыстæм æмсæрадмæ, стох кæндзыстæм дискриминаци æмæ æфхæрдимæ. Нæ зæрдæ нын фидар кæны Гуырдзыстоны æмæ æппæт Дунейы, нæ партнерты æрдгæй разагъд æнцой» – банысангонд у минæварады куырдиаты.