Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад Сенаты æддæ ахастыты комитеты аппараты къухдариуæггæнæджы Тбилисы уагъд фембæлдты фæдыл информаци хъусын кæны
Тбилисмæ æрцыд АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитеты аппараты къухдариуæггæнæг Крис Соча. Уый тыххæй информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад.
Афтæдæр сæ хъусинагæй, Соча фембæлд премьер-министр Гиорги Гахариаимæ, хицауады æндæр минæвæрттиммæ, политикон партиты лидертимæ, парламенты сæрдаримæ, парламенты уæнгтимæ, æмбæстагон дзыллæйы æмæ æхсæнадæмон æнæхицауадон организациты минæвæрттимæ. Фембæлдтыл Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæр æркастысты.
«Алы фембæлдыл Крис Соча бахахх кодта АИШ-ы фарсхæцынад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ йæ евроатлантикон интеграцийы æрдæм. Уый фембæлдыл конкретонæй бавдыста фарста Уæрæсейы æрдгæй æнæзакононæй оккупацигонд Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны уæвæг уавæрыл. Соча афтæдæр фæныхас кодта Гуырдзыстоны демократийы æмæ фæткдæтынад фæлæмæгъы рпоблемæтыл æмæ æрласта Сенаты комитеты сæрдары, сенатор Джим Ришы дырыс æрвитæггаг уый фæдыл, цæмæй Америкæйы Иугонд Штаттæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны демокративон райрæзтæн, фæлæ паддзахадон оргæнтæ хъуамæ скад кæной алкæй политикон бартæн æмæ адарддæр кæной бæрнон системæйы фидар кæнын, кæцы ифтонг кæндзæн. Хицауадæн йæ хицаудзинад æмбæлгæйæ арæн скæнын», – банысангонд у Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады Фейсбукы фарсыл публикацигонд информацийы.