Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад - разы стæм OSCE/ODIHR-ы фыццагон аргълæвæрдимæ, ома парламентон æвзæрстытæ конкурентон аууæлтты æмæ æмтгæй райсгæйæ сæйраг сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнгæйæ ацыд
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад 31 октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл публикаци кæны фидиуæн.
Фидæуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй минæварад разы у OSCE/ODIHR-ы фыццагон аргълæвæрдæй, ома «Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ конкурентон аууæлтты æмæ æмтгæй райсгæйæ сæйраг сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнгæйæ ацыд, фæлæ æвзæрстгæнджытæн хъомыс дарыны фæдыл ахæлиугонд аххосæгтæ, хицаугæнæг парти æмæ паддзахады æхсæн арæн мигъджын кæй у уый æвзарæнон процессы иуæй-иу аспекты æрдæм æхсæнады æууæнк къаддæр кодта» .
Минæварад алы политикон партимæ сиды, «Сæ зæрдыл бадарæт фæнысангонд аиппытæ дыккаг туры æмæ дарддæры æвзæрстыты рæстæджы» .
«АИШ-ы минæварад райгонд у æвзæрстгæнджыты бæрзонд активондзинадæй зноны парламентон æвзæрстытыл æмæ Ковид-19 пандемийы афон дæр, гуырдзиаг адæмы демократимæ равдисгæ æмзæрдæдзинадæй. Бæстæйы масштабæй, мингай бæрнон æвзарæнон кусæг æмæ профессионал цæстдарæгон къордтæ аргъскæнын æмæ бузныгы аккаг сты æмæ æвзарæнон асыккыты цур æвзæрстгæнджыты хъæлæс скæныны бар сифтонг кæнынæ цы куыст сыххæст кодтой уый тыххæй.
Америкæйы минæварад разы у OSCE/ODIHR-ы фыццагон аргълæвæрдимæ, ома «Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ конкурентон аууæлтты æмæ æмтгæй райсгæйæ сæйраг сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнгæйæ ацыд. Æнæкæсгæ уымæ, æвзæрстгæнджытыл æлхъывды фæдыл уæрæхæй ахæлиугонд аххосæгтæ æмæ хицаугæнæг парти æмæ паддзахады æхсæн арæн мигъджын кæй у уый, æвзарæнон процессы иуæй-иу аспекты æрдæм æхсæнады æууæнк къаддæр кодта». Курæг стæм алы партийæ, сæ зæрдыл бадарæт фæнысангонд аиппытæ дыккаг туры æмæ дарддæры æвзæрстыты рæстæджы. Æвзæрстыты процессмæ бахъавны ацы архæйдтæ: æвзæрстгæнджыты тасы æфтауын, балхæд, хъæлæскæныны сусæгдзинад халын, партион æмæ официалон куыст, кæрæдзийæ æнæдырысæй фæхицæн æмæ æвзарæнон цæстдарджытыл æмæ журналисттыл тыхмидзинад, æнæкæсгæ уымæ, цæмæй фæстиуджыты æнæлегитимонæй банымадæн æгъгъæд не сты, дарддæр кæнынц Гуырдзыстоны æвзарæнон процессæн знаггад кæнын æмæ нæрайсгæ сты.
Мах разы стæм æвзæстгæнджыты æмæ партитæ уæвæг барадон процедурæтæй спайда кæнынимæ æвзæрстытимæ баст хъастытæ бавдисынæн. Ахсджиаг у, æмбæлгæ падздахадон уагдæттæ, æвзæрстытимæ баст алы аргументиргонд халындзинад объективонæй равзара æмæ Гуырдзыстоны законмæ гæсгæйæ, реагир кæн хъастытыл. Уырнинаг хъастыты рæстагæй, рухсдзыдæй æмæ йæ афоныл алыг ахсджиаг у уымæн цæмæй гуырдзиаг адæмæн æвзæрстыты фæстиуджыты легитимондзинадмæ æууæнк уа.
АИШ дарддæр кæндзæн æвзæрстыты цыдмæ æнувыд хъус дарын, уый нымæцы, куыд каст цæудзысты хъасттæ, аппеляцийы процессмæ æмæ фæдылдзог раунды кампанимæ. Курæг стæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй, бабыхсæт, цæмæй процесс ацæуа æнцадæй, сабырæй æмæ кæрæдзийæн цытæй, Гуырдзыстоны закондæттандмæ æмæ æхсæнадæмон стандарттæмæ æмæ практикæмæ æмбæлгæйæ. Алы фарс дæр хæсджын сты сфитонг кæнын æвзарæнон кодексы имплементаци æмæ сæххæст.
Ацы æвзæрстыты агъоммæ периоды цы реформæтæ æрцыд ист, уым рагхыгъд уыдис раззаг æвзæрстытыл фиксиргонд иуæй-иу аиппытæ. Сидæм фæдылдзог парламентмæ, ауадзæт уæлæмхас реформæтæ уыцы аиппытæ схафынæн, кæцы банысангонд у ODIHR-ы æвзарæнон аргълæвæрды. Кæддæриддæр куыд у афтæ ныр дæр АИШ дарддæр кæны æнцой дарын Гуырдзыстоны тыхархайдæн, фæхуыздæр кæна æвзарæнон процесс æмæ срæвдз кæны ноджы тыхджындæр демократи» – дзырдæуы фидиуæны.