Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад æмæ Евроцæдисы минæварад - æххæстæй йæ фарс хæцæм сабырадон æмбырды барæн, сидæм алкæмæ, чидæриддæр ацы бар æххæстгæнæг у, закъон хъахъъхæнгæйæ архайæт
АИШ-ы минæварад æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад конституцион ивдтытæм гæсгæ уагъд протестон акциты тыххæй иумæйаг фидиуæн аразынц.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, АИШ-ы минæварад æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад æххæстæй йæ фарс хæцынц сабырадон æмбырды барæн æмæ дзырды сæрибарæн æмæ сидынц алкæмæ, чидæриддæр ацы бар æххæст кæны, закъон хъахъъхæнгæйæ æмæ конституцийы фæлгæтты архайынмæ.
«Америкæйы Иугонды Штатты минæварад æмæ Евроцæдисы минæварад конституцион ивдтытæм æмб æрынц гуырдзиаг дзыллæйы егъау хайы арф ныфссаст уый тыххæй, цæмæй парламент нæ райста 2020 азы æххæстæй пропорцион парламентон æвзæрстытæм ахизынæн хъæугæ конституцион ивдтытæ. Сæрды райст уынаффæ пропорцион æвзæрстытæм ахизын батагъддæр кæныны тыххæй, æмбæрст æрцыд куыд гуырдзиаг демократийы размæ арызт егъаунысаниуæгджын къахдзæф, кæцыйы фæдыл уыд политикъон консессус æмæ алы фарсы иумæйаг хæсист, ацы нысанмæ æрцæуынæн бакуыстаиккой. Ивгъуыд цыппæрæмы ацы процессы æнæнхъæлæджы æрурæд райрæзын кодта æнæууæнк æмæ фæкарз кодта тынгад хицаугæнæг партийы, æндæр политикъон партиты æмæ æмбæстагон дзыллæйы æхсæн.
Абоны уавæр зæрдыл даргæйæ, бындуроныл нымайæм æнæаргъæвгæ куыст хицауады, алы политикъон партийы æмæ æмбæстагон дзыллæйы æхсæн æууæнк сæндидзын кæнынæн сабыр æмæ кæрæдзийæн цытыл æнцойæвæрд диалогы фæрцы, ахæм фидæнон фæндаг рацагурынæн, кæцы райсгæ уыдзæн.
Мах æххæстæй сæ фарс хæцæм сабырадон æмбырды бар æмæ дзырды сæрибарæн. Сидæм алкæмæ, чидæриддæр ацы бар æххæстгæнæг у, закъон хъахъъхæнгæйæ æм конституцийы фæлгæтты архайынмæ. Сидæм алы фарсмæ, бацархайæт бæстæйы интерестæм куыд æмбæлы афтæ», – банысангонд у фидиуæны.