Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад, Женевайы æхсæнадæмон бадзырдты 64-æм туры фæдыл расидæн парахат кæны
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад, Женевайы æхсæнадæмон бадзырдты 64-æм туры фæдыл расидæн парахат кæны

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты 64-æм туры фæдыл расидæн рапарахат кодта.

Æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, фембæлды рæстæджы Гуырдзыстон расидтис тыхстдзинад фæстаг рæстæджы арæзт архайдтыты фæдыл, куыд аэропорты æнæзакъонон эксплуатаци дунеон барады фундаменталон принциптæ æмæ нормæты хæлдæй, регулярон рейсты райдайæн, Уæрæсейæ Сухуммæ æфсæнвæндаджы байгом æмæ электропоезды скусын кæнын.

«25-26 июны уагъд æрцыд Женевайы æхсæнадæмон бадзырдты 64-æм тур, цы ран Гуырдзыстоны делегацийы къухдариуæг кодта фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалия.

Бадзырдты рæстæджы гуырдзиаг делегаци здæхт уыд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты боны фæткы сæйраг фарстатæм, зæгъæм, Уæрæсейы æнæмæнгхъæуындзинад æххæстæй сæххæст кæна йæ æхсæнадæмон хæстæ 2008 азы 12 августы Евроцæдисы æххуысæй æхсты фæурæды бадзырдмæ гæсгæ, æмæ мидæггагон æрцæуæггаг адæймæгты æмæ лигъдæтты æдас æмæ кадджынæй æрыздæхын оккупацигонд территоритæй.

Хаххгонд æрцыд Галы æнæ исты уæлæмхасæн уавæртæй Инцидентты превенцийы æмæ реагирдзинады механизмы (ИПРМ) сног кæныны нысаниуæг æмæ уæлдæрбанысангонд механизм Галы æмæ Эргнеты регуляронæй, фундаменталон принциптæм гæсгæ ауадзын.

Фембæлдыл гуырдзиаг фарс карзæй бахахх кодта оккупацигонд регионты æнæмæнгхъæуындзинад æмæ Оккупацион хаххмæ ‘ввахс Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдыгæй арæзт вазыгджын æдасдзинады, гуманитарон æмæ адæймаджы барты фæдыл фарста. Тыхстдзинад æвдыст æрцыд фæстаг рæстæджы архæйдтыты тыххæй, куыд аэропорты æнæзакъонæй байгом кæнын æхсæнадæмон барады фундаменталон принциптæ æмæ нормæты хæлдæй, регулярон рейсты райдайæн, Уæрæсейæ Сухуммæ æфсæнвæндаджы байгом æмæ электропоезды скусын кæнын.

Уæрæсейы æмæ оккупацион режимты минæвæрттæ, æгъдаумæ гæсгæ, бадзырдты стъолæй ныууагътой боны фæткы иуæй-иу сæйраг фарстайы фæдыл, кæцы уыд мидæггагон æрцæуæггæгты æмæ оккупацион территоритæй лигъдæтты æрыздæхт сæ хæдзæрттæм.

Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдтæ арæзт æрцыдысты 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды бадзырды бындурыл, кæцыйы æххæст кодта Евроцæдис, æмæ сæ сæйраг фарстатæ уыдысты æхсты фæурæды бадзырды уавæртæ. Бадзырды реализаци, мидæггагон æрцæуæггæгты æмæ лигъдæтты æдас æмæ намысджынæй сæ хæдзæрттæм æрыздæхын сты æдасдзинады æмæ гуманитарон æртхъирæнтæ, кæцытæ уырыссаг оккупацийы арæзт сты.

Бадзырдтæ уагъд цæуынц Евроцæдисы, Иугонд Нациты Организацийы æмæ ОБСЕ-йы æмсæрдарады бын, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци æмæ АИШ-ы хайадистæй. Кусæгон къорды рабадтыл афтæ дæр хайад исынц Абхазы автономон республикæйы хицауады сæрдар æмæ раздæры Хуссар Ирыстоны автономон зылды территорийыл Уæлæмхасæн административон-территориалон иуæджы администрацийы къухдариуæггæнæг, афтæ дæр уæрæсейаг окупацион режимы минæвæрттæ Цхинвалы æмæ Сухумы», – дзырдæуы хъусинаджы.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, бадзырдты иннæ тур 2025 азы 11-12 ноябры сырæздзæн.