Гуырдзыстоны æппæт территорийыл абон боныхъæд фæфыддæрдæр уыдзæн
Синоптиктæ бæстæйы масштабæй абон боныхъæд фæфыддæры прогноз дæттынц. Сæ ныхæстæм гæсгæйæ, 13 январы температурæ æппæт Гуырдзыстоны территорийыл фæуазал уыдзæн.
«Абон Гуырдзыстоны боныхъæд æнæстабилон у. Сæрмагондæй та ныгуылæн Гуырдзыстоны фылдæр районты уардзæн къæвда ныллæг рæтты, бæрзæндтæ æмæ уæлхох районты уардзæн мит. Дымдæзн ныгуылæны æрдæм дымгæ 10-15 м/с тагъдадæй, иуæй-иу рæтт гæнæн ис 17-22 м/с онг дæр фæтыхджын уа» – райхъусын кодта æрдзы националон агентады синоптик Нона Элисашвили.
Скæсæн Гуырдзыстоны иуæй-иу районты æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ, фылдæр уæлхох районты, миты хуызæй. Дымдзæн ныгуылæны æрдæм дымгæ, 17-22 м/с тагъдадæй. Тæрфы максималон температурæ 5-10 градус уыдзæн, уæлхох районты 0-5 градус, æппæты уæллаг зонæты 0.5 хъызт.
«Тбилисы фылдæр сур боныхъæд лæудзæн. Уæлдæфы максималон температурæ боны дæргъы уыдзæн аст градусы онг. Дымдзæн цæгат-ныгуылæны дымгæ, кæцы горæты æддаг сыхты гæнæн ис 17-22 м/с фæтыхджындæр уа», – хъусын кæны Нона Элисашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, 14 январæй Гуырдзыстоны æппæт территорийыл рахъарм уыдзæн æмæ фылдæр сур бонтæ лæудзæн. Æхсæвы абаргæйæ фæтыхджындæр уыдзæн хъызт æмæ температурæ фæныллæгдæр уыдзæн.