Гуырдзыстоны æмбырдгонд Украинæимæ  Познаны  фембæлдзæн – гуырдзиаг сæрхъызойтæн  билетты  ауæй  райдаы#1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Украинæимæ Познаны фембæлдзæн – гуырдзиаг сæрхъызойтæн билетты ауæй райдаы#1TVSPORT

Гуырдзыстоны æмбырдгонд Нациты Лигæйы  2024-2025 азы  ерысы  æртыккаг матчы  Украинæимæ ахъаздзæн. Матч    Польшæйы, горæт Познаны ацæудзæн.

Футболы Федерацийы  хъусинагæй, Гуырдзысоны  æмбырдгонды сæрхъызойтæн   билетты уæй  12:00  сахатыл ТКТ.GE-ы фæрцырайдайдзæн.

Билетты  аргъ  32   лари (45 польшайаг  злоты) уыдзæн.  Конкретгонд у,  цæмæй  алы  фæлхасгæнæг матчмæ   максимум  дыууæ билеты  балхæныны  бар уыдзæн.

Билеты  балхæнынæн  фæлхасгæнæг  хъуамæ  бавдиса   паспорты  номыр/сæрмагонд номыр  æмæ  контактон информаци (мобилон номыр æмæ эл-пост). Æлхæнæг  билеты  матчы 3 бон агъоммæ эл-посты  фæрцы  райсдзæн.