Гуырдзыстоны æмбырдгонд Швейцарийы  ныхмæ – комкоммæ репортаж  Фыццаг Каналыл
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Швейцарийы ныхмæ – комкоммæ репортаж Фыццаг Каналыл

Гуырдзыстоны  баскетболистты æмбырдгонд  Евробаскеты  равзарæн  этапыл, 30 ноябры   Швейцариимæ  фембæлдзæн.  Матчы  комкоммæ репортаж  æвдисдзæн  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.

Ноябры, æмбырдгæндтæ  дыгай  матч куы хъазынц, уыцы фембæлдтæн Финлянди фысым кæны. 28 ноябры  Швейцари дæр фæуæлахиз ис  æмæ Гуырдзыстон дæр.  Кæд  Илиас Зуросы  фæлтæрд  балæй   Финляндийыл  фæуæлахизы  æнхъæл уыдыстæм (91:85), уæд  Швейцарийы æмбырдгонд та  нын  банхъарыд  сенсаци – басаста   къорды фаворит  Сербийы  æмбырдгонды (92:90).

Дыууæ  састы  фæстæ  швейцариæгтæмæ  та æрыздæхтис  Евробаскетмæ   бахауыны ныфс. Ныр къордæй   æртæ  балы   ахизынц дарддæр этапмæ.  Уыдонæй  иу, Гуырдзыстон,  фысымы  статусæй   ныридæгæн   бæлвырдæй  уыдзæн евробаскетыл. Иннæ æртæ бал та   2 бынатæн тох кæнынц.

Гуырдзыстоны æмбырдгондæн  æртæ матчы  ис  дыууæ уæлахиздзинад, Сербийæн Швейцарийæн æмæ  Финляндийæн  та  фæйнæ уæлахиздзинад (дыгай  æмбылд).