Гуырдзыстоны æмбырдгонд пара-фехтованийы  къордон  æвзист рамбылдта Дунейы  Чемпионатыл
Гуырдзыстоны æмбырдгонд пара-фехтованийы къордон æвзист рамбылдта Дунейы Чемпионатыл

Хуссар Кореяйы  сахар  Чонгуджы  фæцис  дунейы  чемпионат  къаласкæйæ фехтованийы. Турниры фæстаг бон сырæзт къордон ерыс.  Гуырдзыстоны æмбырдгонд  цыппæрæмфиналы  Польшæ хыгъдæй  45-43  абырста, æрдæгфиналы та,   Италийы  фидар къорды абырста хыгъдæй 45-36. Финалы  Гуырдзиæгты  æндæогъ уыд  Китай.  Китайæгтæ   чемпионатыл æмтгæй  райсгæйæ   25  майдан рамбылдтой, кæцытæй 11  сты  сыгъзæрин, æмæ  сæ  фæдыл цæуæг Украинамæ та  ис   15  майданæй  къаддæр.  Дунейы сеппæтæй  хуыздæр   пара-спортсментæй  комплектгонд   æмбырдгондæн гуырдзиаг  спортсментæ  аккаг  йæ ныхмæ слæууыдысты, фæлæ  фæстагмæ, хыгъдæй  22-45  фембылд сты.  Æртыккаг бынат бацахста Украина.

Гуырдзыстоны æмбырдгонды сæрыл  хæцыдысты, Ирма Хецуриани, Нина Тибилашвили æмæ Гванца  Задишвили.  Балы  сæйраг тренер у  Малхаз  Месхи.