Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн кусынмæ Туркмæ ацæуын сæ бон уыдзæн, Туркæй куыстдæттæгы лæвæрд официалон хуынды бындурыл
Гуырдзыстоны алы æмбæстаг, кæцыйы бафæнддзæн Туркмæ кусынмæ ацæуын, хæсджын уыдзæн Туркæй, æмбæлон куыстдæттæгы лæвæрд æртæмæййон официалон æвдисæнгæххæст бавдисын, – уый фæдыл уынаффæ координацион советы абоны рабадтыл райстой.
Аъчарайы хицауады сæрдары, Торнике Рижавадзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгты, фæстæмæ æрыздæхыны фæстæ бахъæудзæн карантины ражиммæ ахизын.
«Абон координацион советы рабадтыл фæуынаффæ кодтам уыцы æмбæстæгты фæдыл, кæцыты фæнды Туркмæ кусынмæ ацæуын. Уымæ гæсгæ дæр рахастам уынаффæ, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æмæ фыццаджы дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, Ачъарайы цæрджытæн, Туркы Республикæйæ куыстдæттæгы лæвæрд æртæмæййон официалон бахуынды бындурыл уыдзæн сæ бон Туркмæ кусынмæ ацæуын. Фæлæ фæстæмæ æрыздæхыны рæстæджы, хæсджын уыдзысты карантины режиммæ ахимзын. Уый тыххæй дæр, æнæкæсгæ уымæ, цæмæй эпиуавæр абсолютонæй контролгонд у, махæн нысаниуæгджын у алы хуызы змæлд, уый нымæцы арæныл, уый нымæцы куысты æфсонæй, æххæст цæуа конкретон регуляцитæ æмæ мадзæлттæ. Растдæр уый тыххæй, Гуырдзыстоны алы æмбæстаг, кæцыйы бафæнддзæн Туркмæ кусынмæ ацæуын, хæсджын уыдзæн Туркæй æмбæлон куыстдæттæгы лæвæрд æртæмæййон официалон æвдисæнгæххæст бавдисын», – райхъусын кодта Ачъарайы хицауады сæргълæууæг Торнике Рижавадзе.