Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæм гоймагы бæлвырдгæнæн гæххæттæй æвдисæндæрттæ ис, айди картæ æмæ паспорты æнæфидгæйæ райсдзысты
Гуырдзыстоны юстицийы министр Тея Цъулукианийы инициативæйæ, æмбæстæгтæн сæ бон бауыдзæн гæххæттæй æвдисæндæрттæ, ног электронон æвдисæндæрттыл æнæфидгæйæ раивын.
Сæрмагондæй та, уыцы æххæстаздзыд æмбæстæгтæн, кæцытæм ацы афонмæ ис гæххæттæй æвдисæндæрттæ æмæ сын абоны онг никуы уыдис Гуырдзыстоны æмбæстагы электронон æвдисæндар, фыццаг февралæй фыццаг майы онг уыдзæн сæ бон спайда кæнын акцийæ, æмæ зæронд æвдисæндар ногæй раивын бынтон æнæфидгæйæ.
Гуырдзыстоны юстицицйы министрады куыд хъусын кæннц афтæмæй, электронон æвдисæндар у нырыккон æмæ европæйаг æмвæзанды документ, кæцыйы фæмæнг кæнын гæнæн нæй.
Æмбæстæгтæн афтæдæр сæ бон уыдзæн Гуырдзыстоны æмбæстагы биометрион паспорт æнæфидгæйæ райсын.
Кæй фæнды уыдонæн сæ бон у, басидын Юстицийы хæдзæрттæм, паддзахадон сервситы райтынгы территорион куыстытæм кæнæ æхсæнадон центртæм. Акцийы фæлгæтты, æмбæстæгтæ сæрибар сты документы æмæ къамы фидтонæй.
Юстицийы министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, абоны бонмæ, активон, æнмгъуыд, гæххæттæй, (а.х. ламиниргонд) æвдисæндæрттæй пайда кæнынц 400 мины онг æмбæстаг.