Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæм гоймагы бæлвырдгæнæн гæххæттæй  æвдисæндæрттæ ис,  айди картæ æмæ  паспорты  æнæфидгæйæ райсдзысты
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæм гоймагы бæлвырдгæнæн гæххæттæй æвдисæндæрттæ ис, айди картæ æмæ паспорты æнæфидгæйæ райсдзысты

Гуырдзыстоны  юстицийы министр Тея Цъулукианийы   инициативæйæ,  æмбæстæгтæн  сæ бон бауыдзæн  гæххæттæй  æвдисæндæрттæ, ног  электронон  æвдисæндæрттыл   æнæфидгæйæ  раивын.

Сæрмагондæй та, уыцы  æххæстаздзыд  æмбæстæгтæн, кæцытæм  ацы афонмæ  ис   гæххæттæй  æвдисæндæрттæ æмæ  сын  абоны онг   никуы  уыдис   Гуырдзыстоны  æмбæстагы  электронон æвдисæндар,  фыццаг февралæй  фыццаг майы  онг  уыдзæн сæ бон спайда кæнын    акцийæ,  æмæ  зæронд  æвдисæндар   ногæй  раивын  бынтон  æнæфидгæйæ.

Гуырдзыстоны юстицицйы министрады куыд хъусын кæннц  афтæмæй,    электронон æвдисæндар  у  нырыккон  æмæ европæйаг  æмвæзанды документ,  кæцыйы фæмæнг кæнын гæнæн  нæй.

Æмбæстæгтæн афтæдæр сæ бон уыдзæн Гуырдзыстоны æмбæстагы    биометрион паспорт æнæфидгæйæ райсын.

Кæй фæнды  уыдонæн сæ бон у, басидын Юстицийы  хæдзæрттæм, паддзахадон сервситы райтынгы территорион  куыстытæм  кæнæ  æхсæнадон  центртæм.  Акцийы фæлгæтты, æмбæстæгтæ  сæрибар сты   документы  æмæ къамы  фидтонæй.

Юстицийы министрады бæрæггæнæнтæм  гæсгæйæ,    абоны бонмæ,  активон, æнмгъуыд, гæххæттæй,  (а.х. ламиниргонд) æвдисæндæрттæй   пайда кæнынц  400 мины онг æмбæстаг.