Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæ Израилы депортацион объектты уыдысты, сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхтысты
Израилы депортацион объекты уæвæг æмбæстæгтæ Гуырдзыстонмæ æрыздæхтысты. Уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад расидтис.
Æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Александр Хвтисиашвили Тбилисы Шота Руставелийы номыл æхсæнадæмон аэропортмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрбацыды рæстæджы уыд.
«Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Израилы æмбæлон службæтимæ æмгуыстæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æдасæй æрыздæхт сæ райгуырæн бæстæмæ куыд гæнæн ис афтæ тагъд рæстæджы сифтонг кодта.
Гуырдзыстоны минæварад Израилы уæвæг уавæрмæ гæсгæ, уæлвæткон режимы куыст дарддæр кæны. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн скуыста тæвд хахх, æмæ ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны минæварад 500-йæ фылдæр Гуырдзыстоны æмбæстагæн консультацитæ æмæ æнæмæнгхъæугæ æххуыс сарæзта.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Израилы адæмæн, кæд сæ фæнды, уæд сын фадат ис бæстæйæ зæххыл ацæуын куыд Израиль-Иорданийы арæны уадзæн пункты, афтæ Израил-Египеты арæны уадзæн пункты – TABA-йы уылты дæр. Зæххы фæндагæй ацæуын кæй фæнды, уыцы æмбæстагæн хъуамæ уа æххæстгæнæг гуырдзиаг паспорт. Фæстаг рæстæджы цауты руаджы, 1000-мæ æввахс Гуырдзыстоны æмбæстаг зæххы фæндагыл ныууагътой Израилæй», -ис фыст министрады информацийы.