Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы æхсæн дывæр хъалонæвæрдæй хиаиуварс кæныны фæдыл бадзырд йæ тыхмæ бахызт
Йæ тыхмæ бахызт «Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы Республикæты æхсæн æфтиæгтыл дывæр хъалонæвæрдæй хиаиуварс кæныны æмæ фидинæгты æнæбафысты æмæ фидинæгтæй хиаиуварс кæнын маруадзыны фæдыл» бадзырд – информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны финансты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, ранæуæггонд бадзырдыл къух бафыстой Гуырдзыстоны финансты министр Лаша Хуцишвили æмæ Польшæйы Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Гуырдзыстоны, Мариус Машкевич 2021 азы 7 июлы.
«Сæрмагондæй ахсджиаг у, цæмæй фæнысангонд бадзырд фæивдта Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы æхсæн 2006 азы æвæрд бадзырд.
Ног документ бындурæвæрд у экономикон æмгуыстады æмæ рæзынады организацийы (OECD) ранæуæггонд 2017 азы моделыл æмæ æдисы хъалонты дæлбар базайы фæкаддæры æмæ æфтиагы ахæссыны (BEPS) проектæй бæрæг стандарттæ.
Бадзырдæн йæ нысан у, баахъаз кæнын дыууæ бæстæйы æхсæн экономикон æмгуыстад фæарфдæр æмæ инвестициты æрбаласын.
Ацытæккæ дывæр хъалонæвæрдæй хиаиуварс кæныны фæдыл бадзырд йæ тыхы ис 57 бæстæимæ» – банысангонд у Гуырдзыстоны финансты министрады информацийы.