Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы æхсæн дывæр хъалонæвæрдæй   хиаиуварс кæныны фæдыл бадзырд   йæ тыхмæ бахызт
Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы æхсæн дывæр хъалонæвæрдæй хиаиуварс кæныны фæдыл бадзырд йæ тыхмæ бахызт

Йæ  тыхмæ бахызт  «Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы  Республикæты  æхсæн æфтиæгтыл дывæр хъалонæвæрдæй  хиаиуварс кæныны æмæ фидинæгты  æнæбафысты  æмæ  фидинæгтæй хиаиуварс кæнын маруадзыны фæдыл» бадзырд – информаци  хъусын кæны Гуырдзыстоны  финансты министрад.

Уагдоны хъусинагæй,   ранæуæггонд   бадзырдыл  къух бафыстой  Гуырдзыстоны  финансты министр  Лаша Хуцишвили  æмæ  Польшæйы  Республикæйы   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын   минæвар Гуырдзыстоны, Мариус  Машкевич  2021  азы  7 июлы.

«Сæрмагондæй ахсджиаг  у, цæмæй  фæнысангонд  бадзырд фæивдта  Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы æхсæн 2006 азы  æвæрд бадзырд.

Ног документ  бындурæвæрд у  экономикон   æмгуыстады æмæ  рæзынады организацийы (OECD)  ранæуæггонд  2017 азы  моделыл  æмæ æдисы  хъалонты дæлбар базайы  фæкаддæры æмæ   æфтиагы  ахæссыны (BEPS) проектæй бæрæг   стандарттæ.

Бадзырдæн йæ нысан у, баахъаз кæнын  дыууæ бæстæйы æхсæн   экономикон æмгуыстад фæарфдæр æмæ  инвестициты  æрбаласын.

Ацытæккæ  дывæр хъалонæвæрдæй  хиаиуварс кæныны фæдыл бадзырд   йæ тыхы ис  57 бæстæимæ» – банысангонд у  Гуырдзыстоны  финансты министрады  информацийы.