Гуырдзыстоны æмæ Кореяйы Республикæйы æхсæн чартерон тахтытæ сæххæст уыдзæн
Цæугæ азы майы корейаг авиакомпани «Korean Air» Сеул æмæ Тбилисы æхсæн комкоммæ чартерон рейсытæ сæххæст кæндзæн. Тахтытæ дыууæ бæстæйы сæйраг сахарты æхсæн 17 æмæ 31 майы, Airbus A330 типы хæдтæхæгæй сæххæст уыдзæн æмæ Гуырдзыстоны туристы ласдзæн.
Гражданон авиацийы агентады хъусинагæй, уагдон чартерон уæлдæфон змæлды сæххæстæн хъæугæ барлæвæрд, „Korean Air“-æн 23 апрелы ратта.
„Korean Air“ Кореяйы Республикæйы (Хуссар Корея) акæнæг авикомпани у, кæцы «SkyTeam»-ы альянсы уæнг у 43 бæстæйы 123 ардæмадæй кусы.