Гуырдзыстоны æмæ Кореяйы Республикæйы æхсæн чартерон тахтытæ сæххæст уыдзæн
Гуырдзыстоны æмæ Кореяйы  Республикæйы  æхсæн  чартерон  тахтытæ  сæххæст уыдзæн

Цæугæ азы майы  корейаг  авиакомпани «Korean Air» Сеул  æмæ   Тбилисы  æхсæн  комкоммæ  чартерон   рейсытæ  сæххæст кæндзæн.  Тахтытæ  дыууæ бæстæйы   сæйраг сахарты æхсæн  17  æмæ  31 майы, Airbus A330 типы  хæдтæхæгæй  сæххæст уыдзæн  æмæ  Гуырдзыстоны туристы  ласдзæн.

Гражданон авиацийы  агентады  хъусинагæй,   уагдон   чартерон   уæлдæфон  змæлды  сæххæстæн хъæугæ  барлæвæрд,  „Korean Air“-æн  23 апрелы ратта.

„Korean Air“  Кореяйы Республикæйы  (Хуссар Корея)  акæнæг  авикомпани у,  кæцы «SkyTeam»-ы альянсы уæнг  у 43 бæстæйы 123  ардæмадæй кусы.