Гуырдзыстоны æмæ Цæгат Македонийы æхсæн визæтæ райсыны хæсæй ссæрибар кæныны документ бафыстæуыд
Цæгат Македонийы Республикæйы Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны æмæ Цæгат Македонийы Республикæйы президенттæ къух бафыстой бадзырдыл «Гуырдзыстон æмæ Цæгат Македонийы Респубикæйы хицауадты æхсæн визæ райсты хæсæй суæгъд кæныны фæдыл». Уый тыххæй информаци хъусын кæны президенты адиминистрацийы пресс-куыст.
Афтæма сæ информацийæ, «Гуырдзыстон æмæ Цæгат Македонийы Респубикæйы хицауадты æхсæн визæ райсты хæсæй суæгъд кæныны фæдыл» бадзырдæн йæ нысан у, дыууæ бæстæйы æмбæстæгтæн дыууæрдæм змæлдæн рæувадат уавæрттæ æрбайсын. Бадзырд йæ хъуыдыйы дары биометрикон паспорт кæмæн ис, уыцы уæнгтæн æнæвизæйæ бæстæйы территоримæ бахизыны, уым ныллæууыны кæнæ транзитон змæлды бар раттын.