Гуырдзыстоны  æфсæнвæндаджы дæлбар компани фидерон науæй  контейнерон уæзтæ ласдзæн  Европæйы æрдæмадæй
Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы дæлбар компани фидерон науæй контейнерон уæзтæ ласдзæн Европæйы æрдæмадæй

Гуырдзыстоны  æфсæнвæндаджы дæлбар компани «GRЛогистика»  æмæ терминалтæ «Ady Container» (Азербайджан), «KTZ Express» (Хъазахстан)  æмæ Каспийы   наудзогон компани «ASCO»-имæ иумæ, гуырдзыйаг  порттæй  Европæмæ контецнерон  уæзтæ ласын фидерон   науы  фæрцы  æххæст кæндзæн.

Гуырдзыстоны æфсæвæндаджы  информацийæ, Потийы  портæй, фыццаг  фидерон нау  «146 TEU»  контейнеры  Румынийы  порты, сæрмагондæй  та  Констанцамæ  аласдзæн.  Констанцайы  порты   уæз науыл  сæвæрыны фæстæ  Германи æмæ Венгримæ,  фæстæдæр та   Европæйы  æндæр  бæстæтæм æрцæудзæн æрвыст.

«Сау денджызы  портты æхсæн фидерон  хахх  скусын кæнын,  транскаспийаг  æхсæнадæмон транспортон   маршраутыл   уæзты ласын райрæзтæн ахъаззаг уыдзæн.   Контейнерон  ласыны  æрдæмад  ахæм у:  Европæ-Китай-Европæ  æмæ Европæ-Астæу Ази-Европæ.

Фидерон нау Поти/Батуми  æмæ Констанцайы портты æхсæн   регулярон  рейстæ  æххæст кæндзæн. Нау,  кæцы «210 TEU» контейнеры ласы,  мæйы мидæг æртæ   рейс  сыххæст кæндзæн. Проекты фарсхæцæг   транскаспийаг  æхсæнадæмон   транспортон   маршруты консорциумы  уæнг –  Европаг  компани  «Grampe»  у (Румыни).  Контейнерон  ласыны  афтæдæр   хайад исынц  компанитæ: Rail Cargo æмæ Metrans», – дзырдæуы  Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы   информацийы.