Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы дæлбар компани фидерон науæй контейнерон уæзтæ ласдзæн Европæйы æрдæмадæй
Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы дæлбар компани «GRЛогистика» æмæ терминалтæ «Ady Container» (Азербайджан), «KTZ Express» (Хъазахстан) æмæ Каспийы наудзогон компани «ASCO»-имæ иумæ, гуырдзыйаг порттæй Европæмæ контецнерон уæзтæ ласын фидерон науы фæрцы æххæст кæндзæн.
Гуырдзыстоны æфсæвæндаджы информацийæ, Потийы портæй, фыццаг фидерон нау «146 TEU» контейнеры Румынийы порты, сæрмагондæй та Констанцамæ аласдзæн. Констанцайы порты уæз науыл сæвæрыны фæстæ Германи æмæ Венгримæ, фæстæдæр та Европæйы æндæр бæстæтæм æрцæудзæн æрвыст.
«Сау денджызы портты æхсæн фидерон хахх скусын кæнын, транскаспийаг æхсæнадæмон транспортон маршраутыл уæзты ласын райрæзтæн ахъаззаг уыдзæн. Контейнерон ласыны æрдæмад ахæм у: Европæ-Китай-Европæ æмæ Европæ-Астæу Ази-Европæ.
Фидерон нау Поти/Батуми æмæ Констанцайы портты æхсæн регулярон рейстæ æххæст кæндзæн. Нау, кæцы «210 TEU» контейнеры ласы, мæйы мидæг æртæ рейс сыххæст кæндзæн. Проекты фарсхæцæг транскаспийаг æхсæнадæмон транспортон маршруты консорциумы уæнг – Европаг компани «Grampe» у (Румыни). Контейнерон ласыны афтæдæр хайад исынц компанитæ: Rail Cargo æмæ Metrans», – дзырдæуы Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы информацийы.