Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - иуæй-иу азербайджайнаг медиафæрæзы ахæлиугонд информаци у тенденцион æмæ здæхт у дыууæ партнер бæстæйы æхсæн проблемæтæ сæвзæрын кæныны æрдæм
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, иуæй-иу азербайджайнаг медиафæрæзы ахæлиугонд информацийæн дæтты дзуапп.
Уагдоны хъусынк æнынц, цæмæй ахæлиу ис дезинформацион равгы публикаци, кæцы бирæ хахуртæ хæссы.
Дзырдæуы азербайджайнаг портал «Haqqin» ахæлиугонд информацийы тыххæй, цæвиттон «12 июлы онг цалдæр бон размæ, Сомиыхстонмæ Сербийæ æндæр æмæ æндæр калибры минææхсджытæ ныццыдысты Гуырдзыстоны уылты». Рауагъдад афтæдæр фыссы, цæмæй «Социалон хызæгты ахæлиугонд информацимæ гæсгæ, уыцы бонты Сомихыстонмæ Уæрæсейæ «Камазы» маркæйы, хæцæн гæрзтæй едзаг хæдтулгæтæ дæр ныццыдысты, кæцытæ Сомихыстонмæ Гуырдзыстоны уылты ныццыдысты».
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй фæнысангонд стати хæссы тенденцион равг æмæ здæхт у дыууæ стратегион партнер бæстæйы æхсæн ахастытæм проблемæтæ сæвзæрын кæныны рдæм.
«Хъыгаг у, цæмæй азербайджайнаг, цыма серьозон интернет рауагъдад æнæобъективонæй дзуры фактты тыххæй, дзыллæ рæдыды æфтауы æмæ архайы, Гуырдзыстон-Азербайджаны стратегион партнерад æмæ хæларад бааууон кæнын. Ноджы иу хатт нæ фæнды бахахх кæнын, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны иу кæны стратегион партнерад æмæ дыууæ нацийы рагон хæлардзинад, кæцы дарддæр тынг æмæ арфдæр кæны.
Дыууæ бæстæ нысаниуæгджын рол æххæст кæнынц регионы æмæ сæ нымæцы иумæ æххæст кæнынц бирæ нысаниуæгджын регионалон æмæ æхсæнадæмон проекттæ. Фæнысангонд стати хæссы тенденцион равг æмæ здæхт у дыууæ стратегион партнер бæстæйы ахастыты проблемæтæ сæвзæрын кæныны æрдæм» – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.