Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Гуырдзыстон фауы оккупацигонд Украинайы территоритыл Уæрæсейы æнæзакъонон референдумтæ, Украинайы территориты анексийы архæйдтæ нæрайсгæ сты
Гуырдзыстон фауы оккупацигонд Украинаы территоритыл Уæрæсейы æнæзакъонон референдумтæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады «Твиттеры» фарсыл ахæлиугонд фидиуæны.
Уагдоны банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
«Гуырдызстон фауы оккупацигонд Украианйы территоритыл Уæрæсейы æнæзакъонон референдумтæ. Украинайы территориты анексийы ацы архæйдтæ нæрайсгæ сты. Гуырдзыстон хъæддых йæ фарс хæцы Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн», – хъусын кæнынц Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгтоы министрады.