Гуырдзыстоны администрацион бæстыхæйттыл паддзахадон тырысатæ бынмæ æруагътой [фото/видео]

Фыдохы бонмæ гсгæ  Гуырдзыстоны администрацион  бæстыхæйттыл   паддзахадон тырысатæ  бынмæ æруагътой.

Тырысатæ  бынмæ æруагътой   хицауады  администрацийы  æмæ  парламенты  бæстыхайы цур  Тбилисы. Афтæдæр   парламенты  бæстыхайы цур Кутаисы.

Паддазадон тырысатæ руагътой   мидхъуыддæгты министрады,  хъахъхънынады  æм   æндæр  министрадты  администрацион бæстыхæйттыл.

Тъхъибулы, Минделлийы  номыл  шахтæйы  æрцæуг трагедийы  тыххæй,  хицауауды  скуыддзагæй,  6 апрель  Гуырдызстоны  фыдохы бонæй  расидтæуыд.

Тъхъибулы   Минделийы номыл   шахæтйы  æрцæугæ æнамонд   цауы амæттаг фесты æхсæз адæймаг, зиæнттæ райстой  ноджы  æртæйæ.

МХМ-ы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,     фæдагуырды  фыццагон информацийæ,    шахтæйы  иуæй-иу  тунелы  сырæзт къулты деформаци,  кæцыйы  фæстиуæгæн  æркалдис цар.  Факты фæдыл хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  240-æм  статийы  дыккаг хайæ,  кæцы йæ хъуыдыйы дары   хæххон,   арæзтадон  кæнæ æндæр  куыстыты рæстæджы æдасдзинады  фæткæвæрд  саст.