Гуырдзыстоны  абонæй  йæ куыст сног кодта  горæтты æхсæн змæлæг транспорт [фото]
Гуырдзыстоны абонæй йæ куыст сног кодта горæтты æхсæн змæлæг транспорт [фото]

Гуырдзыстоны  абонæй  йæ куыст сног кодта  горæтты æхсæн змæлæг транспорт.  Змæлд  уæгъд у   гоæртт æхсæн змæлæг  микроавтобустæн  æмæ автобустæн.

Фæнысангонд транспорты  бæлцæттæ   хæсджын сты  маскæ дарын  æмæ  æнæмæнгхъæугæ  нормæтæ  æххæст кæнын.

Афтæма Дидубейы   автостанцæйыл  арызт у  дезобарьер, кæцыйы  бæлцæттæ транспортмæ  схизины размæ   æмбæлгæ процедурæтæ ацæуынц.

Æфсæнвæндагон змæлды тыххæй куы зæгъæм,   уæд бæлццæтты  ласын   æнхъæлцау  сног уыдзæн 15  июнæй.

Гуырдзыстоны цыфæнды хуызы  горæтты æхсæн  транспортæй, сæ нымæцы поездтæй  змæлд,  урæд æрцыд  2 мартæй.