Гуырдзыстоны абонæй боныхъæд фæхуыздæр уыдзæн. Уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой æрдзы националон агентады гидрометеорологион прогнозты куысты.
Синоптик Давит Лоладзейы информацийæ, скæсæн Гуырдзыстоны иуæй-иу районты абон боны фыццаг хайы, уыдзæн дæлдзырæттæ, æрмæст боны дыккаг хайæ температурæ рахъарм уыдзæн.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Ныгуылæн Гуырдзыстоны тæрфы уæлдæфы максималон температурæ +12, +17 градусы фæлгæтты уыдзæн, æрмæст скæсæн Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ лæуудзæн +14 градусыл.
Гидрометеорологион прогнозты куысты хъусинагæй, сæйраг сахары 19-20 марты, чысыл къæвда у æнхъæлмæ кæсинаг, æрмæст 21 марты фылдæр хай уыдзæн сур бон. Уæлдæфы температурæ та +12 градусы онг схъарм уыдзæн.